Робин Данниган – Бирæ аз у, кусæм гуырдзиаг фермертимæ, агробизнестимæ æмæ Гуырдзыстоны хицауадимæ, цæмæй баххуыс сын  кæнæм æхсыры æмæ  фыды  секторты стынг кæныны
Робин Данниган – Бирæ аз у, кусæм гуырдзиаг фермертимæ, агробизнестимæ æмæ Гуырдзыстоны хицауадимæ, цæмæй баххуыс сын кæнæм æхсыры æмæ фыды секторты стынг кæныны

Æрдзы  хъахъхъæды æмæ  хъæууон хæдзарады  министр Отар Шамугиа æмæ  АИШ-ы минæвар Гуырдзыстоны Робин Данниган  фосдарынады равдыст «Фосдарынады экспо 2023» арфæйы ныхасæй  байгом кодтой.

«АИШ-ы  зхæууон хæдзарады  департаменты  æххуысæй  цæуы æххæст проект, кæцы нæ фермертæн,  амалиуæгдæоттæн  сæ къух аразы,  хæрзгъæд  продукци рауадзыны хъуыддаджы  æнæзнаггады стандарттæ  хъахъхъæнгæйæ. Фæнды мæ банысан кæнын, цæмæй  æнæиупроект   сфинанс  кодта паддзахад, кæцы  конкретон  фæстиуæг æрхаста, фæлæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ,  фадыгæн фылдæр æххуыс  хæъуы.  Растдæр уый тыххæй,  тынг тагъд  нын уыдзæн  ногдзинæдтæ  фермертæн, кæцы  йæ  хъуыдыйы  дары рæувадатдзинад  уыцы  технологитыл кæцытæ æнæмæнгхъæугæ сты  конкурентхъомад сбæрхонддæрæн» –   банысан кодта æрдзы хъахъхъæды æмæ  хъæууон хæдзарады  министр  Отар Шамугиа.

АИШ-ы минæвар  Робин Данниган  дзырдæй ралæуды рæстæджы  Гуырдзыстоны  фосдарынады  къабаз райтынг кæнынæн  Гуырдзыстоны  хицауадимæ, фермертимæ æмæ индустрион  партнертимæ уагъд  куыстыты фæдыл  радзырдта.

«Уый у  мæ фыццаг мадзал Гуырдзыстон. Мах азты дæргъы  кусæм  гуырдзиаг фермертимæ, агробизнестимæ æмæ гуырдзиаг  интересджын уæнгтимæ, æмæ сегасдæр сæйраг та уый у, æмæ Гуырдзыстоны хицауадимæ, цæмæй  баххуыс кæнæм  ацы сектор стынг кæныны», – банысан кодта АИШ-ы  минæвар Гуырдзыстоны  Робин Данниган.

Фосдарынады  равдыст   Лисийы цады  цур   ацыд. Мадзалы фæлгæтты  арызт уыд  Гуырдзыстоны  æндæр æмæ  æндæр  регионæй  æркæнгæ  бæрзондпродуктивон  æмæ бынæттон  селекцион   хъомвосы  равдыст-ерыс, афтæма хъæууон-хæдзарадон  æмæ хæлцадон  продукцийы равдыст-ауæй.