Роберта Мецола - Евроцæдисы кндидаты статус раттын Украинайæн, афтæма Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн, махæн у приоритетон фарста
Евроцæдисмæ кандидаты статусы раттын Украинайæн, афтæма Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн, нын приоритетон фарста у – уый фæдыл европарламенты сæрдар Роберта Меццола Евроцæдисы советы уæлрадон рабадты размæ Брюсселы райхъусын кодта.
«Евроцæдисы кандидат бæстæйы статус раттын Украинайæн,Гуырдзыстон æмæ молдовæйæн у иуæй-иу сæйраг приоритетон фарста, кæцыйыл абон фæныхас кæндзынæн. Махæн, куыд райхъусын кодтам афтæмæй, евроцæдисы кандидаты статусы раттын Украинайæн, афтæма Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн, нын приоритетон фарста у. Æндæр та цавæр уыдзæн уыцы сигнал, кæцыйы æрвитæм ацы бæстæты адæмæн. Уый тыххæй æнхъæлмæ кæсæм еврокомиссийы хатдзæгмæ.
Федтам, цæмæй Украина сдзуапп кодта рафарстæн цæстыфæныкъуылдмæ æмæ растдæр ахæм цырд хатдзæгмæ æнхъæлмæ кæсæм Еврокомиссийæ. Европаламент сараздзæн алцыппæт цы йæ бон у, нæ институцион барты фæлгæтты. Ис мæм мандат уый зæгъынæн» – райхъсын кодта Роберта Мецола.