Роберта Меццолла -  Европарламент бæлвырд хъусын кæны, цæмæй  бæстæтæн, кæцытæ Европæ сæ хæдзарыл нымайынц, дуар ма хъуамæ æрыхгæд уа, уый æххæссы  алы бæстæмæ, кæцытæ  куырдиат бавдыстой
Роберта Меццолла - Европарламент бæлвырд хъусын кæны, цæмæй бæстæтæн, кæцытæ Европæ сæ хæдзарыл нымайынц, дуар ма хъуамæ æрыхгæд уа, уый æххæссы алы бæстæмæ, кæцытæ куырдиат бавдыстой

Европарламенты сæрдар Роберта Меццоллайы  дзырдæй,   зæгъгæ Европарламенты позици у, цæмæй  уыцы   бæстæтæн, кæцытæ  Европæ  сæ хæдзарыл банымайдзысты,  дуар  ма хъуамæ  æрыхгæд уа.

Роберта Меццолла  фæнысангонд   комментарийæ сдзуапп кодта   гуырдзиаг журналисты фарстыл: «Цавæр уыдзæен Евроцæдисы  сæйраг сигнал  гуырдзиæгты æмæ молдовæйæгтæм, хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм æви нæ  европарламенты  æрдгæй  фарсхæцынмæ  ацы  æртæ  бæстæйы   европаг   перспективæйы тыххæй».

Роберта Меццоллайы  дзырдæй,   уый зæгъгæ æххæссы алы бæстæмæ, кæцы уæнгсуæуыны фæдыл куырдиат бавдыста.

«Абон тæрхон кæнæм  ацы  фарстайыл  Украинайы Радæйы  спикеримæ, афтæ куыд   нæ  коллегæтимæ  Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæй.  Европарламент  хъусын кæны, тынг дырысæй, цæмæй  уыцы бæстæтæн, кæцытæ  Европæ сæ  хæдзарыл банымадтой, дуар ма хъуамæ æрыхгæд уа.  Уый æххæссы  алы бæстæмæ  кæцы  уæнгсуæуыны фæдыл  куырдиат бавдыста  мæ   йæ  фæнды европаг бинонтæм  баиу уа.  Европарламенты  æндæр æмæ æндæр политьикон къордты  куы  бафæрсат, уæд ранымайынц уыцы бæстæты, кæцытæ  æнхъæлмæ кæсынц  евроцæдисы  уæнгсуæвынмæ.  Мæнæ  ацы позици у  бæлвырд.  Ацы мæйы, фæстæдæр   Европаг   советы   рабадтмæ ахæсдзынæн  европарламенты  æнæцудгæ  сигнал.  Абон æз  бæлвырд  равдыстой, цæмæй  Украина у Европаг  бинонтæй  сæ иу  æмæ   æхсызгон нын уыдзæн  йæ  фенын, куыд æндæр бæстæты  дæр,  кæцытæ  Европæ  сæ хæдзарыл нымайынц», –   райхъусын кодта Роберта Меццолла, европарламенты  Руслан Стефанчукимæ  иумæ  лæвæрд прессконференцийыл.