Рихъейы хъæуы цæрæг Паата Рогавайы Драндæйы ахæстонæй ссæрибар кодтой
Зугдиды районы Рихъейы хъæуы цæрæг Паата Рогавайы Драндæйы ахæстонæй ссæрибар кодтой – уый фæдыл информацийы Фыццаг Къаналæн сбæлвырд кодтой паддзахадон æдадзсинады куысты.
ПÆК-ы æхсæнадимæ ахастыты куысты хистæр Нино Гиоргобиани Фыццаг Къаналæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, ПÆК-ы минæвæрттæ Паата Рогавайы ссæрибар кæныны фарстыл, йæ ахсты моментæй активонæй иу бавдыстой Галы инцидентты превенцийы механизмтыл кусæг къордты фембæлдтыл.
«2018 азы 6 февралы, Зугдиды районы Рихъейы хъæуы цæрæг Паата Рогавайы Драндæйы а.х. ахæстонæй ссæрибар кодтой. Рогавайы, 2017 5 апрелы Рихъейы хъæугæрон уæвæг оккупацион хаххы цур æнæзакъононæй æрацахстой а.х. арæнсæттыны æмæ Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæм физикон быцæудзинады аххосагæй.
Де-факто хицауады скуыддзагæй, уымæн 2 аз æмæ 6 мæйы æмгъуыдмæ ахст «стæрхон» кодтой. ПÆК-ы минæвæрттæ Паата Рогавайы ссæрибар кæныны фарстыл, йæ ахсты моментæй активонæй иу бавдыстой Галы инцидентты превенцийы механизмтыл кусæг къордты фембæлдтыл. Паата Рогавайы ссæрибар, позитивон динамикæ ратдзæн Галы инцидентты превенцийы механизмты (IPRM) форматы фæдылдзог куыстæн» – хъусын кæнынц ПÆК-ы.
Цалдæрмæййон уацары фæстæ, ивгъуыд азы кæрон, афтæдæр ссæрибар кодтой Паата Рогавайы фыды Ачико Рогавайы. Фыд æмæ фырт Ачико æмæ Паата Рогаваты, уырыссаг а.х. арæнхъахъхъæнджытæ, Зугдиды районы цæугæдон Ингуры донбылыл, 6 –æм апрелы æрцахстой а.х. арæнсæттыны аххсагæй, оккупаицгонд Абхазийы а.х. тæрхондон, Ачико Рогавайæн стæрхон кодта 2 азон ахст, æрмæст йæ фыртæн Паата Рогавайæн та, 2 аз æмæ 4 мæййы æмгъуыдмæ ахст.