«Репортертæ æнæарæнтæй» журналисттæм лæбурдтытæ фауы
«Репортертæ æнæарæнтæй» журналисттæм лæбурдтытæ фауы

Æнæхицауадон организаци  «Репортертæ æнæарæнтæй»  Тбилисы  абон айтынггонд фæзындты кой кæны.

«Репортертæ æнæарæнтæй» медийы  минæвæрттæм  лæбурд тыххæй дзуры.

«Иууыл цъус  дæсæй фылдæр журналистмæ сыххæст ис  лæбурд ацы сæумæрайсом, Тбилиси прайды ныхмæлæууæг ультра-рахис демонстранттæ сæйраг горæты  центрмæ куы рацыдысты  уый фæстæ.  «Репортертæ æнæарæнтæй,  фауы ацы массон  лæбурд  æмæ хицауадмæ сиды, бафауа  алы ацы лæбурд, раргом сæ кæна» –  банысан кодтой организацийы.

Руставелийы  проспекты æмæ алыварс  территоритыл «Тбилиси прайды»   ныхмæлæуджытæ  журналистты æмæ операторты æрдæм агрессивон  архæйдтытæ сыххæст кодтой, цæй фæстиуæгæн  дæр   зиæнттæ райстой  æндæр æмæ æндæр  медиафæрæзты  минæвæрттæ, сæ нымæцы Æхсæнадон  Уацхæссæджы  оператор  Илиа Твалиашвили.