Регулациты агентад – рабæрæг ис фиппаинæгтæ, цæй фæстиуæг дæр Иашвилийы клиникайы администраци аскъуыддзаг кодта æрбиноныг кæна проблемæтæ
Регулациты агентад – рабæрæг ис фиппаинæгтæ, цæй фæстиуæг дæр Иашвилийы клиникайы администраци аскъуыддзаг кодта æрбиноныг кæна проблемæтæ
Æнæниздзинады министрады медицинон æмæ фармацевтон регулациты агентад, Иашвилийы централон рынчындоны, инфекцийы контролы системайы фæдыл сгæрст сыххæст кодта.
Агентады сæрдар, Лиана Чъумбуридзейы фидиуæнмæ гæсгæ, рабæрæг ис фиппаинæгтæ, цæй фæстиуæг дæр Иашвилийы клиникайы администраци аскъуыддзаг кодта æрбиноныг кæна проблемæтæ.
«Ацы этапыл, рæстæгмæ урæд у медицинон сервисты алæвæрд, æрмæст кусы амбулаторион-диагностикон центр æмæ онкогемтологийы сферæтæ, афтæ дæр мах координацийы стæм Иашвилийы клиникаимæ, цæмæй максималонæй баххуыс кæнæм.
Нæ сæйраг нысан у, алы æмбæстаг райса бæрзонд медицинон лæггад. Растдæр уыцы нысанæй лæггад кæны уыцы реформæ, кæцы мах райдайдзыстæм 2025-æм азы æмæ алы клиникайæн æнæманг уыдзæн æппæтдунеон акредитаци, цæмæй алы æмбæстаг райса раст, æмæ бæрзонд уагы медицинон æххуыс.