Регионалон райтынгы æмæ инфраструктурæйы министрад реформæты ног этап райдайы
Регионалон райтынгы æмæ инфраструктурæйы министрад реформæты ног этапмæ цæттæ кæны. 1tv.ge-имæ эксклюзивон интервьюйы Зураб Алавидзе куыд банысан кодта афтæмæй, ног цæстæнгас æххæссы æртæ сæйраг ардæмадмæ – хæдуынаффæйы æххæстбарты райрæзын кæнынмæ, бынæттыл фылдæр финансон ресурсты мобилизацимæ æмæ æмбæстæгты раз ахсдджиагдзинады иууыл бæрзонд стандартты æрфидар кæнын.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, æввахс периоды план кæны фембæлд æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг хицауады, дипломативон корпусы минæвæртты хайадæй, афтæдæр æхсæнадæмон æмæ бынæттон æнæнхицауадон организацитимæ, кæцыйыл министрад бавдисдзæн ног цæстæнгас.
Министр куыд банысан кодта афтæмæй, кæронбæнттæн хуызæй документ æрмæстдæр æхсæнадон æркасты æмæ дискусситы фæстæ ыдзæн цæттæ.
Цыдæриддæр та реформæйы фыццаг хаймæ æххæссы, кæцыйы фæлгæтты раззаг азы 14 муниципалитеты æрцыд территорион оптимизаци, Зураб Алавидзейы хъуыдымæ гæсгæ, бæстæйæн стыр бюрократи ницæмæ хъæуы æмæ æммбæстæгты дзæбæхдзинад сбæрзонддæр кæнынæн, конкретон инфраструктурон проектты саразын хъæуы, афтæ æмæ йын альтернативæ нæй.
Министры фидиуæнæй, ивгъуыд азы сæххæсткæнинаг реформæты фæлгæтты муниципалитетты ссиу кæныныны скуыддзаг институционæй æмæ финансонæй дæр пайдаджын уыд.