Рефинансирдзинады мыздæвæрдыл басти кредиттыл процентон мыздæвæрд фæкъаддæр уыдзæн 58 448 пайдагæнæгæн
Кредиты процентон мыздæвæрд, кæцы баст у рефинансирдзинады мыздæвæрдыл, фæкаддæр уыдзæн 58 448 хæсдарджытæн.
Ацы информацийы хæлиу кæны æнæхицауадон организаци «Æхсæнад æмæ Банкътæ».
Организацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2018 азы 1 июлы уавæрмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны лæвæрд кредитты нымæц, кæцытæ баст сты змæлгæ процентон мыздæвæрдыл, у 58 448 кредиты, æппæт бæрцуатæй 2 677 милуан ларийы. Сæ абсолютон фылдæр баст сты Националон Банкъы рефинансирдзинады процентон мыздæвæрдыл.
Абон Гуырдзыстоны Националон Банчы монетарон политикæйы комитет, рефинансирдзинады мыздæвæрд фæкаддæр кодта 25 базон пунктæй, æмæ хцайæ-кредитон политикæйы мызвдæвæрд та у 7,0%.