Рауль Хаджимба окупиргонд Абхазийы уæлвæткон уавæры райст нæ цух кæны
Рауль Хаджимба окупиргонд Абхазийы уæлвæткон уавæры райст нæ цух кæны
Окупиргонд Абхазийы а.х президент Рауль Хадджимба фидиуæн парахат кæны.
Документы ис фыст, цæмæй æнæмæнгдзинады цауы бæстæйы уæлвæткон режимы райсты къухдзæфтæ райсдзæн.
Де-факто президентон æвзæрстыты фыццаг æмæ дыккаг тур Абхазы 2019 азы 25 августы æмæ 8 сентябры ацыд. Æнæнымад республикæйы а.х. централон æвзæрстгæнæг комисси, уæлахиздзауыл банымадта Рауль Хаджимбайы. Уый а.х. æвзæрстыты фыццаг туры хъæлæсты 47,39 % райста, Алхас Къвициниа та, 46,17%. Дыккаг туры фæстиуджытæм гæсгæйæ, хъæлæсты 66,55% фæуæлахиз ис Рауль Хаджимба.
Абон сæйраг тæрхондон касацион каст райдыдта Абхазы президентæм раздæры кандидаты, «Амцахарайы» оппозицион партийы лидеры Алхас Къвициниайы хъастыл, кæцы архайы, æвзæрстыты фæстиуджытæ аивын кæнын. Уый централон æвзæрстгæнæг комиссийы ныхмæ сæйраг тæрхондонмæ хъаст 20 сентябры бавдыста. Фæлæ хъаст кæсынмæ нæ райстой, кæцыйы фæстæ Къвициниа кассацион хъаст Сæйраг тæрхондонмæ бавдыста.