Рауагъдад «fDi Magazine» публикаци кæны стати Гуырдзыстоны туризмы райтынгы фæдыл
Гуырдзыстоны архайы туризмы æнæцудгæ райтынг кæнын, – ахæм сæргондæй публикаци кæны экономикон рауагъдад «Financial Times»-ы журнал «fDi Magazine» уæрæх статийы.
Рауагъдад йæ кæсджытæн æнхъары Гуырдзыстоны экономикæйы фæдыл лæмбынæг афæлгæст, кæцыйы сæйраг темæтæй сæ иу у туризм.
«Туризм Гуырдзыстоны зын уæййаг нæу. Æцæг у ацы бæстæ чысыл у, фæлæ уый хъал у ЮНЕСКО-йы дунейы бындарадыл нымад бынæттæй, Сау Денджызы донбылæй, алæмæттаг Кавказы хæхтæй, астминазон сæндуцынады традицийæ æмæ хъæздыг хæринæгты культурæйæ», – фыссы рауагъдады журналист æмæ банысан кодта, цæмæй 2009 азæй 2012 азы онг Гуырдзыстнмæ визиторты нымæц 200%-æй райрæзтис æмæ 1.5 милуанæй, 4.4 милуанмæ аххæссыд. 2019 азы та бæлццæтты нымæц ацы бæрæггæнæнæй фæдывæр ис æмæ Гуырдзыстонмæ сыххæст ис 9.3 милуан æхсæнадæмон визит. Ацы фæстиуæг бæстæйы экономикæйæн 3 миллиард долларæй фылдæр æрхаста, кæцы æмтгæйон мид продукты 7.5% проценты бæрц у.