Рати Брегадзе – Страсбургы тæрхондон «Гуырдзыстон–Уæрæсейы ныхмæ» хъуыдтагы бакаст сног кодта
Рати Брегадзе – Страсбургы тæрхондон «Гуырдзыстон–Уæрæсейы ныхмæ» хъуыдтагы бакаст сног кодта
Страсбургы тæрхондон «Гуырдзыстон –Уæрæсейы ныхмæ» хъуыдтагы бакаст сног кодта, – уый фæдыл Гуырдзыстоны юстицийы министр расидтис.
Рати Брегадзейы фидиуæнмæ гæсгæ, хъуыдтаг хауы уыцы адæмы барты халдмæ, кæцы Уæрæсе æххæст кæны окупацигонд территоритыл.
«Махмæ ис бæлвырдгæнджытæ æмæ нæ уырны, цææмй ацы хъуыдтагыл, афтæ дæр куыд раздæры хъуыдтагы фæдыл райсдзыстæм рæстдзинад, тох даргъ кæны», – сиды Гуырдзыстоны юстицийы министр.
Министрады информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстон адæймагы барты европон тæрхондмæ æвдыст хъастæй куры, Уæрæсейы аххосагы сбæлвырд æмæ бæрн, се æхсæн хъизæмары фæтобæ, цард, сæрибардзинад æмæ æдасдзинады, сæрмагонд царды хъахъхъæд, сæрмæмулкъы æмæ рухсады бартæ.
Юстицийы министрад Уæрæсейы ныхмæ цыппæрæм хицауадты æхсæн хъаст Страсбургы тæрхондоны 2018 азы 21-æм августы бахаста. Хъаст, Уæрæсейы æрдыгæй Гуырдзыстоны окупацигонд тæрриторитыл æмæ окупацион хаххыл адæймæгты барты массивон хæлд, ахст, бабырст æмæ лæгмарддзинады административон практикамæ хауы. Снысангонд архайдтытæ, уæлдай дæр та 2008-æм азы хæсты фæстæ фæтыхджын ис æмæ критикон арæнмæ, февралы Арчил Татунашвилийы хъизæмар æмæ лæгмарды рæстæджы баххæсыд. Хъасты стыр хъусдард Арчил Татунашвилийы, Гига Отхозория æмæ Давид Башарулийы хъуыдтæгтыл.