Рати Брегадзе – оппозицийы уæвынад раздæры парламентмæ ницы бафтыдта, парламентон архайды нæ истой хайад, бирæ цауты сæхи æвзарджытæн кад дæр нæ кæнынц
Рати Брегадзе – оппозицийы уæвынад раздæры парламентмæ ницы бафтыдта, парламентон архайды нæ истой хайад, бирæ цауты сæхи æвзарджытæн кад дæр нæ кæнынц

Оппозицийы уæвынад раздæры парламентмæ ницы бафтыдта, парламентон архайды нæ истой хайад, бирæ цауы сæхи æвзарæгæн кад дæр нæ кæнынц, – расидтис юстицийы министр, Рати Брегадзе.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, раздæры æрсидты парламенты оппозицийы минæвæртты фылдæр хай рабадтмæ нæ æрбацыд.

«Раст куы зæгъон, уæд раздæры парламенты оппозицийы уæвынад бирæ нæ бафтыдта парламентмæ. Опозицийы минæвæртты абсолютон фылдæр хай практикон æгъдауæй рабадтмæ нæ цыд æмæ парламенты архайды нæ иста хайад, афтæмæй сæ æвзарджыты сайдтой. Уыдонæй хъуыддагон фарстытæ нæ фехъуыстон, æмæ-иу фарст куы радтой, уæд-иу залæй рацыдысты, æмæ министры сахаты дæргъы бирæ хæттыты уыдтæн æвдисæн уыцы уавæрæн. Парламенты трибунæйæ пайда кодтой æрмæстдæр сæхи нарæг партион-базаргæнæн интерестæ æххæст кæныны тыххæй æмæ сæ хъæлæс чи радта, уыцы æвзарæгæн нæ. Бæрæг цауы, оппозицийы минæвæрттæ сæхи æвзарæгæн кад дæр нæ кæнынц», – банысан кодта Брегадзе.