Раса  Иукневичене – Гуырдзыстон уыдис  æмæ у  демокративон рафæлындыны æвæрццаг дæнц
Раса Иукневичене – Гуырдзыстон уыдис æмæ у демокративон рафæлындыны æвæрццаг дæнц

Гуырдзыстон уыдис æмæ    фæстæмæ   баззайдзæн   евроаталантикон   интеграцийы  æвæрццаг   сабырадон демокративон  рафæлындыны дæнцæй – уый фæдыл  НАТО-ы парламентон   ассамблейы  цæстдарæг миссийы   къухдариуæггæнæг, Раса  Иукневичене  æвзæрстытæм хъусдарыны  фæдыл аргълæвæрды  рæстæджы райхъусын кодта.

«НАТО-ы  уæнгдзинад  у стратегион  рард  Гуырдзыстоны æмæ   Гуырдзыстон уымæй   разы  у   демокративон   аргъдзинæдты  хъахъъынынад, кæцы  у нæ альянсы  бындур.

Гуырдзыстон уыд æмæ нырма  дæр у  лидер евроатланатикон   интеграцийы, æвæрццаг дæнц  сабырадон  демокративон  рафæлындыны рдгæй.  Гуырдзыстоны хæлæрттæ, йын йæ  фарс хæцæм  æмæ æххуыс кæнæм  аыц  процессы.

Азты дæргъы  æнæ иу  хатт  банысан котам  мæстыдзинад  уыцы   тасты  тыххæй, кæцытæ  цæуынц  уæлдай  поляризацийæ, компромисты æмæ  диалогы  куыльтурæйы нæуыны тыххæй.  Мах  бахахх кодтам  цæмæй   фидар хъахъæнынады  механизмтæй цухæй,  хицаудзинады æмæ   ресурсты  концентраци  гæнæн ис рискъытæ хæсса  демократийæн.  ХЪыгагæн, ацы  æвзæрстытæ нын æвдисынц, цæмæй  банысангонд   проблемæтæ   æмбæлонæй  скуыддзаггонд нæ уыдысты.

Нæ хыгъдлæвæрд   нысан кæны  цалдæр серьозон  дæнц,  сæ нымæцы администрацион ресурсæй  æнæмбæлонæй  пайда кæнын,  паддзахадон гæсты  æрдгæй  кампанийы  ауадзын æмæ   балансхъаджджын  финансдзинад, цæстмæ  цæстдарджытæй  пайда кæнын æмæ  а.х. техникон кандидаттæ дæр,  уый дæр демократийы  сфыдуынд кæныны архайд у» –  райхъусын кодта Раса  Иукневичене.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,  разæвзарæнон  кампанийы  рæстæджы   фæфиппайдтой  æппæрццаг   процесс,   сæрмагондæй  та,   лиетувæйаг депутат куыд дзуры  афтмæй,  дзырдæй   лæбурдтытæ æнæзицауадонты æрдæм зæгъгæ.

«Уымæй  дарддæр ма,  æппæрццаг процесс  фæфипппайдтам,  кæцы  уæдмæ нæ зындис.   Сæрмагондæй та  вербалон,  дзырдæй   лæбурдтытæ  æнæхицауадонты  ныхмæ.  Алы ацы  проблемæ  иумæйагæй   стыр  контраст сты  2013  азы   президентон æвзæрстытимæ. ÆНæкæсгæ уымæ, знон бирæ æмбæстагмæ  уыд фæнд,  сæ бартæй спайда кодтаиккой æмæ сывзæрстаиккой  паддзахады   сæргълæууæгы.  Зæрдæрыстæй  банысан кæндзынæн,  цæмæй  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ оккупацигонд территоритæй  АБхазæй  æмæ Хуссар Ирыстонæй   ацы  æвзæрстыты хайад нæ истой.

Бирæ цæстдарæг   йæ хайбавæрд скодта   рухсдзыд демокративон   процессы. Фæнды мæ  лæвæрд цауæй  спайда кæнон, æмæ сын арфæйы ныхас  зæгъон алкæмæн» – банысан кодта  Иукневичене.

НАТО-ы  парламентон  ассамблейы  цæстдарæг миссийы   къухдариуæггæнæг   дыккаг туры  фæдыл   фæныхас  кодта.  Иукневичене  æрсидтис Гуырдзыстоны  хицауадмæ,  æнæаргъæвгæйæ   аскуыддзаг  кæна   уыцы  проблемæтæ, кæцытæ  банысангонд сты  сæ   хыгъдлæвæрды.

«Гуырдзыстон фыццаг хатт ауадздзæн президентон æвзæрстыты дыккаг тур. Ныфс мæ ис  уыцы  проблемæтæ, кæцытæ гæнæн ис аскуыддзаг кæнын,    аскуыддзаг уыдзысты.  СИдын  Гуырдзыстоны  хицауадмæ  æнæаргъæвгæйæ  алыг кæна  бирæ фæтæн дæр проблемæтæ,  кæцытæ  зынынц нæ  хыгъдлæвæрдæй.

Цæй  зæгъын æй хъæуы, адарддæр кæндзыстæм  сæ  фарсхæцын  æмæ  æххуыс кæнын   ацы  тыхархайды  æмæ   адарддæр кæндзыстæм  конструктивон  диалог уадзын. Баххуыс кæндзыстæм  фылдæртæн æмæ оппозицийæн,  æнæкæцы иунæг реформæ дæр нæ уыдзæн  фидар.  Кæд  Гуырдзыстон  аскуыдздаг кæндзæн уый,  уæд гæнæн ис  Гуырдзыстон баззайа реформаторон къурсы æвæрццаг дæнцæй æмæ  лидер Европаг æмæ Евро-атлантикон   интеграцийы» – райхъусын кодта  Раса Иукневичене.