Рамзан Кадыров - Зелимхан Хангошвилийы марындзинадимæ Уæрæсейæн ницы бастдзинад ис
Берлины Зелимхан Хангошвилийы марындзинадимæ Уæрæсейæн ницы бастдзинад ис, – уый фæдыл Цæцæны Республикæйы лидер Рамзан Кадыров райхъусын кодта.
Кадыровы дзырдæй, зæгъгæ æндæргъуызон чи хъуыды кæны, уый бæлвырдгæнæн хъуамæ бавдиса.
Цæцæны Республикæйы къухдариуæггæнæг афтæдæр банысан кодта, цæмæй Хангошвили бирæ теракты иста хайад æмæ йæ марындзинады фæстæ иу террористæй къаддæр у.
«Уыйы амардтой, куы сæ нал бахъуыдис уый фæстæ. Ныр та радзур-бадзур кæнынц – Уæрæсе, Цæцæн… уый махмæ бантон не ндавы, уый у Гуырдзыстоны æмбæстаг… Мах куы уыдаиккам баст, уæд нæ хъуыддæгтæй сбæлвырд кодтаиккам, дзæгъæлдзырд нæ кодтаиккам», – фехъусын кодта журналисттæн Кадыров.
Уæдмæ та Уæрæсейы президент Владимир Путин загъта, цæмæй зæгъгæ Зелимхан Хангошвили, Мæскуыйы метройы сæххæст теракты иста хайад.
Гуырдзыстоны æмбæстаг Зелимхан Хангошвилийы цæугæ азы сæрды, Берлины амардтой. Немыцаг прокуррортæ æнхъæлынц, цæмæй марындзинады фæстæ Уæрæсе кæнæ Цæцæны паддзахадон оргæнтæ лæууынц.