Рамзан Кадыров -  Гуырдзыстон хъуамæ сбæлвырд кæна, цæмæй Габуниайы ралæуд развæлгъау плангонд провокаци нæ уыд, æндæр цауы, Гуырдзыстоны æрдæм алы  фæндаг æхгæд хъуамæ æрцæуа
Рамзан Кадыров - Гуырдзыстон хъуамæ сбæлвырд кæна, цæмæй Габуниайы ралæуд развæлгъау плангонд провокаци нæ уыд, æндæр цауы, Гуырдзыстоны æрдæм алы фæндаг æхгæд хъуамæ æрцæуа

Цæцæны Республикæйы сæргълæууæгы, Равмзан Кадыровы  фидиуæнæй, зæгъгæ  Гуырдзыстоны хицауад  хъуамæ сбæлвырд кæна,  цæмй Гиорги Габуниайы  ралæуд  развæлгъау плангонд  провокаци нæ уыд, æндæр цауы та, Гуырдзыстонмæ цæуæг алыфæндаг  æхгæд хъуамæ æрцæуа.  Уый фæдыл Кадыров  «Эхо Москвы»-йы веб-фарсыл публикацигонд фыстæджы ныффыста.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, «æрцæугæйæ хъуамæ аргълæвæрд уа, куыд Гуырдзыстоны æрдгæй  развæлгъау плангонд  æлгъаг акций».

«Кæд Гуырдзыстоны хицаауад ныхмæлæууæг цæстæнгас не сбæлвырд кæндзæн, уæд æртæ бонмæ  хъуамæ  æхгæд æрцæуа, Гуырдзыстоны æрдæм цæуæг æмæ Гуырдзыстонæй  рацæуæн алы фæндаг. Дунейы милуангай адæймаг  ис, кæцытæ  цыт кæнынц  Владимир Путинæн. Габуниайы хъуамæ сыхгæнай  æмæ йыл  авд гуыдыр сæвæрай,  уымæн æмæ йыл фыццаг чи амбæлдзæн йæ бон уыдзæн уыцы митæ  йын бакæна цæй  аггаг у уый»- фыссы  Цæцæны Республикæйы сæргълæууæг.