Ракетон комплекс  Javelin – Америкаг «Æфсæйнаг арц»  Гуырдзыстоны
Ракетон комплекс Javelin – Америкаг «Æфсæйнаг арц» Гуырдзыстоны

Гуырдзыстон  АИШ-æй  дунейы  номдзыд æмæ   сеппæтæй  эффективон  танкъыныхмæ системæтæ æрылхæндзæн.

Javelin –ы  æрылхæдмæ гæсгæ  бадзырдтæ  фæстаг этапыл сты.  Абон  бæрæг ссис, цæмæй  паддзахадон департамент  бадзырдимæ сразы ис.  Дзырдæуы 75 милуан доллары аргъы  æфсæддон  техникæйыл.

Javelin-ы Гуырдзыстонмæ  фыццаг хатт æрластой  2017 азы сентябры  уагъд  бирæнацион  ахуырты  «Аккаг партнеры»  (Nobel Partner) рæстæджы.

«Æфсæйнаг арц» –  Javelin дунейы иуæй-иу   сеппæтæй  тыхджын  мобилон танкъыныхмæ  ракетон  комплекс у.  Уый куынæг кæны  алы хуызы  згъæртехникæ. Афтæдæр æнтыстджынæй  кусы   ныллæг бæрзæндыл тæхæг   æмæ астæуккаг  тагъдадæй змæлæг    тæхæн аппаратты  ныхмæ,  сæ нымæцы  хæрдмæтæхджыты, æнæпилот тæхæн аппаратты æмæ  бæрæг хуызы   хæдтæхджыты  скуынæг кæнынæн дæр.

Javelinы-  АИШ-ы  гразджын тыхты   1996 азы æрбайстой.   Фæнысангонд ахæссæн  коплексæй активонæй пайда кодтой   Иракы æмæ æндæр æфсæддон   конфликтты рæстæджы.

Javelin-ы ракетæ  арызт у классикон  аэродинамикон   схемæйæ.  Æхсты рæстæджы йæ базыртæ  айтынг кæны. Ракетæ ифтонггонд у  инфрасырх  гарзæгæй. Уый кусы принципæй «фехс   æмæ фрох кæны»  Куыд уаг,  ацы  хæцæнгарзы   рæстмæ  кусынæн хъæуы   дыууæ адæймаг –  æхсæг-оператор  æмæ  хæцæн æрмæгы  бадæттæг. Фæлæ  хъæугæ цауы  ракетæйы ауадзын  йæ бон  бауыдзæн иунæг адæймагæн дæр.  «Æфсæйнаг арцы»  куысты   принципæй  рацæугæйæ,  æфсæддонæн  йæ  бон  у,  тагъд раива  позици  æмæ  дыккаг ракетæ  уæд фехса,  цалынмæ  фыццаг ракетæ фæхæццæ уыдзæн мысанмæ.

 

Javelin-ы уæлидзинæдтæ:

  • Ракетæйы нысанмæ сисын гæнæн ис  уæззау метеорологион уавæрты, афтæдæр фидар фæздæджы  æмæ  æхсæвы  уавæрты дæр;
  • Мысанмæ йæхæдæг исынхъом системæйæ нæ хъæуы рухс;
  • Ракетæйæ гæнæн ис танкъы   сеппæтæй лæмæгъ  хайы –  сæры  скуынæг кæнын;
  • Комплексы асы æмæ уæзы   тыххæй,  уымæй  спайда кæнын  йæ бон у иу  æфсæддонæн;
  • Ауадзæг агайæг æмæ «рог ауадзæг системæйы» фæрцы гæнæн ис ракетæйы бæстыхайæ фехсын дæр;
  • Ауадзæг æмæ фæткдар блокæй спайда кæнын  гæнæн ис  хицæнæй дæр –  рагысгарыны  нысанæй.

 

2013 азы  бæрæггæнæнтæй,  фæйнæ ахæм танкъыныхмæ  комплексы  аргъ  у  100 мин  доллар. Аудзæг  блокы  аргъ та 126  мин долллармæ æххæссы.