Райрæзтис хроникон æмæ онкологион медикаментты ранымад, кæцыты æргъты уæллаг арæн архайдзæн
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ, райрæзтис хосты ранымад, кæцытыл референтон аргъ архайы. Афтæма сæ информацийæ, аргъы уæллаг арæн 1600-æй фылдæр хроникон æмæ онкологион медикаментыл сбæрæг ис.
«Референтон æргъты механизм афæдзы кæронмæ 7000-æй фылдæр медикаментмæ баххæсдзæни. Реформæйы нысан, бæстæйы хосты аргъы фæкъаддæр кæнын у. Ивддзинадмæ гæсгæйæ, фармацевтон компанитæ бæлвырд æргътæй хъуамæ архайæт. Уыцы цауы, кæд æмæ афтекты медикаментты, фæнысангонд æргътæй уæлдайдæр уæй кæндзысты, фæивар уыдзысты», – дзырдæуы æнæнизхъахъхъæды министрады информацийы.
Бакой уын кæндзыстæм, цæрджытæн хосты рæувадат скæныны нысанæн, паддзахад хроникон æмæ онкологион медикаментты æргъты уыцы максималон арæн сбæрæг кодта, кæцыйæ бæрзонддæр аргъæй се реализаци дæр фæтобæ ис. Ивддзинады фæстиуæгæн фармацевтон продукты аргъ, зæгъæн ис, 40%æй фæкаддæр уыдзæн. Медикаменты максималон арæйнон аргъы фæдыл информаци фенын гæнæн ис дæнцыл.