Райдайы  хъæуты интернетизаци
Райдайы хъæуты интернетизаци

Хæрзгъæд интернет бауадзын  алы  гуырдзиаг хъæутæм у  иттæг нысаниуæгджын æмæ  рæхджы аскуыддзаг кæнинаг фарста, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Гахариа   хицауады  абоны рабадтыл  райхъусын кодта.

Гиорги Гахариа куыд банысан кодта афтæмæй,   Озургеты 49  хъæуы интернетизаци  скæндзысты.

«Уым уыдзæн  тынг хæрзгъæд  интернет. Уый та  у ноджы иу  ахсджиаг  быцæусидт,  кæцы нын пандеми æмæ кризис равдыстой.  Бæрзонд гъæды   интернет алкæцы гуырдзиаг хæъуы  хъуамæ  уа, уый   у  иттæг нысаниуæгджын æмæ  рæхджы аскуыддзаг кæнинаг фарста. Уый саразын та хъæуы    æрвылбойнон цардуагы домæнты тыххæй,   цæмæй фермертæн  уа   нормалон куысты  фадат, цæмæй нæ сывæллæттæ   райсой нормалон ахуыр  æмæ  царды хуымæтæг    æмвæзад, ахæм  цахæмдæр ис  горæтты,  уый фæхæццæ кæнæм хъæутæм дæр», –   загъта  Гиорги Гахариа.