Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы фидиуæнæй, глобалон экономикон кризисты уавæрты иттæг актуалон æмæ нысаниуæгджын у паддзахадон кондадты реформирдзинад райдайын.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, паддзахадон кондадты фæткдæттынады реформæйы цæстæнгасæй арызт уыдзæн специалон кусæн къорд, кæцыйæн къухдариуæг кæндзæн финансты министр Иванэ Мачъавариани.
«Нæ нысан у, падздахадон кондадтæ фæткдæттынад уа корпоративон фæткдæттынады сегасдæр хуыздæр пректикæты æмæ цæвиттоны æмвæзыл. Уый æрмæст нæхи фæндон нæу, фæлæ æнæмæнгхъæугæ ссис уыцы экономикон уавæры тыххæй, кæцыйы лæууы бæстæ æмæ кæцы хуыны глобалон экономикон кризис. Ацы къахдзæф райдайæм Гуырдзыстоны паддзахадон электросистемæйæ. Абон фæуынаффæ кæндзыстæм, куыд хъуамæ скомплект уа ацы коммерцион паддзахадон исады уæвæг организацийы æвджиддар совет», – загъта Гиорги Гахариа.