Рæстдинонтæ абон бæрæгбон кæнынц Царддæттæгы фендæруыны бæрæгбон.
Перисцвалеба у бæрæгбон, кæцы нын амоны, алы адæймаг дæр йæхи хуыздæры æрдæм куыд хъуамæ фæива уый. Перисцвалеба 12 сеппæтæй стырдæр бæрæгбонтæй сæ иу у. Евангелимæ гæсгæйæ, ацы бон Йесо Чырысти Таборы хохыл йе æртæ ахуыргæнинагы – Петры, Яковы æмæ Иоаны раз йæ хи фендæр кодта æмæ сын йæ æрвон стырдзинад равдыста.
Йерусалемы æрвылазонæй цæстæйуынгæ æртæ æмбисонды æрцæуы: Куадзæны Фæрнæйдзаг Рухсы æрцыд, Доныскъфæны (19 январ) цæугæдон Иордан йæ æрдæмад куы ивы æмæ 19 августы, Перисцвалебайы æхсæв, Таборы хохы сæрмæ мигъ куы бабады уый.
Абоны бæрæгбон иу традиционæй аргъуанты рухсы бакалынц сæнæфсир æмæ дыргъыл. Мархогæнджытæн ацы бон уæгъд у кæсагæй.