Рæстдинон аргъуан Мадымайрæмы бæрæгбон нысан кæны
Рæстдинон аргъуан Мадымайрæмы бæрæгбон нысан кæны

Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуан 28-æм августы. Мадымайрæмы бæрæгбон нысан кæны . Бæрæгбоны фæдыл æппæт активон аргъуантæ-моладзандонты дæр уагъд цæуы кадджын куывд.

Сионы кафедралон аргъуаны кадджын куывд райдыдта 10:00 сахатыл. Гуырдзыстоны фыццаг канал комкоммæ трансляци дæтты.

Сионы номыл Гуырдзыстоны ис бирæ кувæндæттæ, æмæ уыдон иууылдæр, се æхсæн Тбилисы Сионы кувæндон дæр, 28-æм августы кувæндоны бæрæгбон бæрæг кæнынц.