Рæстдинон аргъуан абон Мад Майрӕмы Хорзуацы Фехъуысӕн бæрæгбон кæны
Рæстдинон аргъуан 7-æм апрелы бæрæг кæны Мад Майрӕмы Хорзуацы Фехъуысӕн бæрæгбон, ацы бон æппæт кусæг кувæндæтты дæр уагъд цæудзысты бæрæгбонон службæтæ.
Бæрæгбон у чырыстон стырдæр бæрæгбæттæй иу. Евангелийы куыд фыст ис, афтæмæй ацы бон Галилейы горæт Назареты Архангел Гавриил фæзынд Иууыл Сыгъдæг Мад Майрӕммæ æмæ фехъусын кодта, уымæй кæй райгуырдзæн Хуыцауы Фырт æмæ адæмы Ирвæзынгæнæг.