Рæстдинон аргъуан абон  бæрæгбон кæны  Перисцвалеба
Рæстдинон аргъуан абон бæрæгбон кæны Перисцвалеба

 

Рæстдинонтæ  абон бæрæгбон кæнынц Царддæттæгы  фендæруыны бæрæгбон.

Перисцвалеба  у  бæрæгбон, кæцы нын амоны,  алы  адæймаг дæр йæхи хуыздæры  æрдæм куыд хъуамæ  фæива  уый.  Перисцвалеба   12   сеппæтæй  стырдæр бæрæгбонтæй  сæ иу  у.  Евангелимæ гæсгæйæ,  ацы бон  Йесо Чырысти  Таборы хохыл  йе æртæ  ахуыргæнинагы  – Петры, Яковы  æмæ Иоаны раз   йæ хи  фендæр кодта  æмæ сын  йæ æрвон  стырдзинад  равдыста.

Йерусалемы  æрвылазонæй   цæстæйуынгæ  æртæ æмбисонды  æрцæуы: Куадзæны Фæрнæйдзаг Рухсы æрцыд,  Доныскъфæны (19 январ)  цæугæдон Иордан йæ æрдæмад  куы  ивы æмæ 19 августы, Перисцвалебайы æхсæв,  Таборы  хохы сæрмæ мигъ куы  бабады  уый.

Абоны бæрæгбон иу  традиционæй  аргъуанты  рухсы бакалынц   сæнæфсир æмæ  дыргъыл. Мархогæнджытæн   ацы  бон уæгъд у  кæсагæй.