Рæстдинон аргъуан абон бæрæгбон кæны Джеоргуыба. Бæрæгбонмæ гæсгæ, алы архайæг аргъуаны- моладзандоны бæрæгбонон скуывд ацæудзæн.
6 май Сыгъдæг Гиоргийы адзалы бон у. Сыгъдæг диссæгтæфæлдисæг æмæ Тыыхæй æххæст Гиорги, гуырдзиаг нацийы бардуагæй, нымад цæуы æмæ Гуырдзыстоны йын сæрмагонд цыт кæнынц.
Джеоргуыба афæдзы мидæг дыууæ хатт бæрæгбон кæнынц – 6 майы Сыгъдæджы адзалы бон æмæ 23 ноябры, цалхыл йæ хъизæмары бон. 23 ноябры бæрæгбоны фæхонынц гуырдзиаг æгъдауæй, уымæн æмæ æндæр аргъуантæм дæр бæрæгбон Гуырдзыстонæй айстой.