Хоравайы уынгыл лæгмарды хъуыдтагы бацахуыркæнæг рæстæгмæ фæдагуырдон комисы фыццаг рабадт сом сырæздзæн, кæцыйыл комисы уагæвæрд райсдзысты – уый фæдыл комисы сæрдар Серги Капанадзе адæмон хъахъæнæг Нино Ломджариаимæ фембæлды фæстæ расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, уагæвæрд 11 июны парламенты бюройы рабадтыл сбæлвырд уыдзæн.
«Сом æз фембæлдзæн Заза Саралидзейыл æмæ йæ бæрнонтыл. Афтæ дæр, сом сырæздзæн фыццаг рабадт, кæцыйыл комис райсдзæн уагæвæрды документ, куыст да фидæн къуыри райдайдзæн» – расидтис Капанадзе.
Адæмон хъахъæнæгимæ фембæлдмæ та цы хауы, депутаты расидæнмæ гæсгæ, Нино Ломджариаимæ уыдзæн æхæхстгонд кусыт æмæ информацийы баивдыл бадзырдтой.