Радка Бетчева – нысаниуæгджын у демократизацийы процессы æхсæнадон медийы ролы банымайын, уымæн æмæ уый дæр парламенты кæнæ æндæр институтты хуызæн демокративон институтыл нымад цæуы
Радка Бетчева – нысаниуæгджын у демократизацийы процессы æхсæнадон медийы ролы банымайын, уымæн æмæ уый дæр парламенты кæнæ æндæр институтты хуызæн демокративон институтыл нымад цæуы

Европæйы Уацхæссæгты цæдисы Централон æмæ Скæсæн Европæйы бæстæтимæ ахастыты къухдариуæггæнæг Радка Бетчева сиды, цæмæй æхсæнадон уацхæссæгы роль цыфæнды демокративон æхсæнадæн у нысаниуæгджын, уымæн æмæ парламенты кæнæ æндæр институтты хуызæн демокративон институтыл нымад цæуы.

Радка Бетчевайы ныхасмæ гæсгæ, нысаниуæгджын у, цæмæй æхсæнадон уацхæссæг æмбæстæгтæн дæтта информаци, дæтта зонындзинæдтæ, цæмæй саразой информиргонд æвзæрст.

«Афтæдæр иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй æхсæнадон уацхæссæгæн йæ бон уа фынгмæ æрбамбырд кæна алы фарсы æмæ сорганизаци кæна дебаттæ, цæмæй æмбæстæгтæн баххуыс кæной æндæр æмæ æндæр хъуыдытæ æмæ позицитæ бамбарынæн. Афтæ аразы æхсæнадон уацхæссæг алы демократон æхсæнады дæр – партиты фынгмæ æрбакæнын, æхсæнадон дебаттæ, программæтæ, кæцытæ æххуыс кæнынц адæмæн æмбæлон æвзæрстытæ аразынæн. Уæлдай нысаниуæгджын у ацы роль», – загъта Радка Бетчева.

Уымæй дарддæр ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы адекватон æмæ прогнозгæнæн финанскæнынад, цæмæй æхсæнадон медиа уа хæдбар æмæ бæрзонд гъæдджын.

«Уырны мæ, цæмæй нысаниуæгджын у Гуырдзыстонæн, демокративон æхсæнадæн банымайын æхсæнадон медийы роль демократизацийы процессы. Цæмæй æхсæнадон медиа уа хæдбар æмæ хæрзхъæд, уый тыххæй йын хъæуы æмбæлон æмæ прогнозгæнæн финанскæнынад, уымæн æмæ æхсæнадон медиа хæсджын у æхсæнады алы хайæн дæр лæггад кæнын. Куы зæгъын алчидæр, уæд мæ зæрдыл дарын инвалидтæ, къаддæрнымæц адæмтæ, сывæллæттæ, социалон æгъдауæй æнæхъахъхъæд къордтæ. Тынг нысаниуæгджын у, цæмæй ацы демокративон институтæн лæвæрд æрцæуа фадат, цы хъуамæ араза алы демокративон æхсæнады», -расидтис Радка Бетчева.