Путины æмæ Асады Сочæйы фембæлды детæлттæ

Терроризм, политикон  кризисыл фæтых уын æмæ Сирийы  арабаг  республикæйы  фидæн – адон сты уыцы фарстытæ,  кæцытыл  Уæрæсейы  æмæ Сирийы президенттæ  Сочæйы  фæныхас кодтой.   Башар ал-Асад Уæрæсемæ,  Сирийы конфликты фоныл нырид дыккаг  хатт ныццыд.  Лидертæ Сирийы  Уæрæсейы æфсæддон миссийы  фæуд кæй  æрбаввахс ис уый фæдыл фехъусын кодтой.  Сирийы кризисы фæдыл  абон Путин æмæ Дональд Трампы æхсæн,  телефонон  ныхас хъуамæ сырæза.  350  минæй фылдæр фæмардуæвæг,  9 милуан тыхбын бынативгæ  æмæ 4 милуаны онг лыгъдон –  ацы этапыл  ахæм сты Сирийы  зæгъæн ис   авд азон  конфликты фæстиуджытæ.