Протопресвитер Гиорги Звиададзе – паддзахадон аргъуаны статусы фæдыл æнхъарæн у æрмæстдæр аргъуанæн баххуысы фæндонæй рацæугæ, фæлæ аргъуан хуыздæрыл нымайы уæвæг статус йæхимæ ныууадзын
Протопресвитер Гиорги Звиададзейы фидиуæнæй, рæстдзинадмæ не мбæлы цæвиттон Гуырдзыстоны хицауад рæстдинон аргъуаны тыхыбын кæны æндæр барадон моделимæ сразы уа.
Йæ дзырдæй зæгъгæ, хицауад æмæ аргъуаны æхсæн абоны ахастытæ кæрæдзийæн цытыл сты бындурæвæрд.
Гиорги Звиададзейы дзырдæй, паддзахадон аргъуаны статусы фæдыл æнхъарæн, æрмæст аргъуанæн æххуысы æмæ йæ авторитеты ножы сбæрзондæры фæндонæй рацæугæ у, фæлæ аргъуаны æрдгæй ис барадон балæуд ацы фарстамæ.
«Барадон балæуд æнцойæвæрд у: конституцион разыдзинады цауы, æххæстæй хъахъхъæд у аргъуаны хæдбарад паддзахадæй æмæ паддзахадмæ ницы мæцъис ис йæхи фæтъысса аргъуаны царды. Афтæма, æххæст хæдбарад ис паддзахадмæ Гуырдзыстоны аргъуанæй, иурæстæгонæй ифтонггонд у эффективон æмшуыстад паддзахады æмæ аргхъуаны æхсæн уыцы сферæйы, кæцыйы йæ хъуыдыйы дары аргъуанон барад.
Паддзахадон аргъуанæй райхъусын кæныны цауы, кæй зæгъын æй хъæуы, уый дæлбарады принцип домы æмæ бæрæг рискытæ дæр хæссы, уый фæлтæрддзинад ис. Паддзахадон религийæ, паддзахадон аргъуанæй райхуъсын кæныны цауы, уый йæ хъуыдыйы дары паддзахады дæлбар уæвын æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, аргъуан уыимæ разы нæу, фæлæ ноджы иу хатт хаххгондæй мæ фæнд банысан кæнын, нæ абоны хицауад нæ архайы, цæмæй аргъуанмæ ацы фарста тыхæй бафтауа. Ацы æнхъарæн уыдис æнæофициалон æмвæзыл æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, аргъуан хуыздæрыл нымайы уыцы барадон статус, йæхимæ ныууадзын æмæ барадон моделы йæ тыхы ныууадзын, кæцыйы йæ хъуыдыйы дары конституцион разыдзинад», – загъта Гиорги Звиададзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.