Прокуррорты совет Гуырдзыстоны генералон прокурроры бынатмæ цыппар кандидаты равзæрста

15:23, 06.02.2020

Прокуррорты  совет    халæппæрсты  фæстиуæгæн  Гуырдызстоны   генералон  прокурроры бынатмæ,   цыппар  кандидаты  равзæрста.

Æвзæрст  кандидатты  æхсæн  сты  Валериан Вачъарадзе, Дарико Тордиа,  Ираклий Шотадзе æмæ  Сопио Шенгелиа.

Уый фæстæ  прокуррорты  совет, сусæг æгъдауæй, генералон   прокуроры бынатмæ иу  кандидаты   сывзардзæн, кæцы  бавдыст уыдзæн   парламентмæ.

Генералон прокурроры  бынатмæ иу  кандидаты  сывзарынæн, совет   рабадт сом  14:00 сахатыл  сараздзæн.

Генералон  прокурроры бынатмæ конкурсы  æдæппæт хайад истой 17 кандидаты, фæлæ  сæ дыууæ   сæрмагонд  кандидатурæтæ  систой.  Абон  халæппæрстыл  цыппар  каниддаты  совет  растдæр  баззайгæ  15 кандидатæй  равзæрста.

Хуыздæр