Прокуратурæ журналистты профессионалон архайд къуылымпы кæныны цауты фæдыл фæдагуырд райдыдта

22:58, 04.10.2025

Гуырдзыстоны прокуратурæ Гуырдзыстоны уголовон кодексы 154-æм статьяйы 1-æм хайы снысангонд фыдракæнды элементтæм гæсгæ, журналистты профессионалон тыгъдадмæ æнæзакононæй хъыгдарды фактты фæдыл фæдагуырд райдыдта.

Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны прокуратурæ парахат кæны.

«Фæдагуырд Тбилисы прокуратурæйы слестгæнæн департамент медийы парахатгонд информацийы бындурыл райдыдта, кæцымæ гæсгæ, 4-æм октябры, Тбилисы Атонелийы уынгыл æмæ йæ алфæмблайы, протестон митингы хайадисджытæ æнæзакъононæй бахъыгдардтой Æхсæнадон Уацхæссæджы журналистон архайды æмæ I-медиакомпаниты, физикон æгъдауæй къуылымпы кæнгæйæ уыдон», -ис фыст фидиуæны.

Хуыздæр