Прокуратурæ сæхкæдта тугтæрхоны барады хъуыддаг «Birja Mafia»-ы дыууæдæр уæнгы   ныхмæ
Прокуратурæ сæхкæдта тугтæрхоны барады хъуыддаг «Birja Mafia»-ы дыууæдæр уæнгы ныхмæ

Гуырдзыстоны  прокуратурæ  сæхкæдта  тугтæрхоны барады хъуыддаг «Birja Mafia»-ы дыууæдæр уæнгы   ныхмæ.  Уый фæдыл  прокуратурæйы  ахæлиугонд   информацийы мидæг дзырдæуы.

Афтæма документы дзырдæуы,  цæмæй  прокуратурæ, Гиорги  Кебуриайы æмæ Михеил  Мгалоблишвилийы  ныхмæ,   Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады  хицæн  кусджыты æрдгæй, тыхмидзинадæй, кусæн барты сæрты ахызты  æмæ   сæрмагондæй уæззау  фыдракæнды  фæдыл  тугтæрхоны  барады хъуыддагыл,  бæлвырдгæнæнты  фальсификацийы  фактытыл  фæдæвзарæн дарддæр кæны.

«Birja Mafia»-ы уæнгты  7 июны æрцахстой æмæ сæ  тагъд,  20 000 ларийы цъындыйæ ссæрибар кодтой,  аппеляцион   тæрхондонæй.  Рэп-къорды   уæнгтæ сæ ахсты   сбастой, уыцы периоды цы  кълип айстой  уыйимæ,  кæцыйы мидæг  æвдыст у полицийы  шарж.