Гуырдзыстоны прокуратурæ, Лазар Григориадисы, æтхъирæн кæнынын факты аххосджын кæны.
Прокуратурæйы информацийы куыд ис фыст, афтæмæй мидхъуыдтæгты министрады уагъдгонд фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй 24-æм апрелы, Тбилисы æхсæвы клуб «Метеор»-ы бахизæны, гуырысхогонд, бæстыхайæ йæ ссæрибар кæныны протестæй, бары кусæгмæ кардæй æртхъирæн кодта.
«Барадхъахъхъæнджытæ уыцы бон æрцахстой гуырысхогонды.Уый аххосджынгонд æрцыд Гуырдзыстоны уголовон кодексы 151-æм статьяйы фыццаг хаймæ гæсгæ (цардæн кæнæ æнæниздзинадæн тæссагдзинад, кæд æмæ тæссаг адæймагæн ис бындурон тас æххæстгонд тæссагдзинадæй), кæцы æфхæрды формæ æмæ барæнæй 1 азы онг ахæстоны фæбадын йæ зæрдыл дары.
Прокуратурæ тæрхондонмæ закъонæй снысангонд æмгъуыдмæ басиддзæн курдиатимæ, цæмæй гуырысхогондæн превенцион мадзал баххæст кæной» – ис фыст информацийы.