Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады инициативæйæ уæрæхдæр кæны программæ «100 инвестицион æнхъарæн бизнесæн».
Экономикæйы министрады хъусинагæй, бæстæйы раз уæвæг экономикон быцæусидтыты фоныл нысаниуæгджын у уæвæг паддзахадон ресурсы экономикон активондзинадмæ баиу кæнын.
«Программæйы фæлгæтты рæзы бæстæйы масштабæй ист, инвестициты цæстæнгасæй зæрдæмдзæугæ, æнæзмæлгæ мулкы номхыгъд, уæййаг объектты картæмæ æфтыд цæуы паддзахады исады уæвæг æндæр типы кондадтæ, магистралон фæндæгтыл фæлæууæн инфраструтурæ саразынæн рауæлдайгонд локацитæ, туристон, амалиуæгон, хъæууон-хæдзарадон æмæ логистикон нысæнттæн хъæугæ объекттæ. Æмтгæй райсгæйæ бавдыст у 350 000 000 млн онг ларийы аргъы 150-йæ фылдæр объект. Афтæма, рæзы пайдаджын къахæггæгты амалиуæгады номхыгъд дæр. Къахæггæты компонентмæ бамхас уыдзæн 50 æндæр æмæ æндæр типы 50 000 000 млн ларийы райдайæн аргъы нуырæнуат, цахæмдæр сты полиметалтæ, хæххон-химикон хомæг, амайæн æрмæджытæ æмæ зæххыбын дæттæ. Ног объекттæй æнхъæлмæкæсинаг инвестицийы бæрцуат у 60 000 000 ларийы, æрмæст куыстраттыны бæрæггæнæн 780 адæймаг. Банысан кæнын хъæуы, цæмæй ресурс амал кæнынимæ иумæ цæудзæн сæ бынатыл бакуыст дæр, кæцы инвестициимæ иумæ сæвзæрын кæндзæн ног куыстбынæттæ» – хъусын кæнынц уагдоны.
Æтгæй райсгæйæ падзахад 400 милуан ларийы аргъы паддзахадон исад банхъардзæнис бизнес-секторæн. Æнхъæлмæкæсинаг инвестицийы бæрц -350 млн ларимæ хæццæ кæны æмæ иууыл цъус 10 000 адæймаг та ссардзæн куыст бынат.