Процесс райдыдта – Европæйы профлигæты Ассоциаци Уæрæсейы феддæмæ кодта организацийæ #1TVSPORT
Ныридæгæн райдыдта процесс кæцыйы прогноз дæттой – уый фæдыл Европæйы Профессион Футболотон Лигæйы Аассоциаци (EPFL) организацийы рæнхъытæй, Уæрæсейы премьерлигæ æмæ Уæрæсейы фуктболы националон лигæ (1 лигæ) рацух кодта – уый фæдыл организаци хъусын кæны официалон веб-фарсыл.
Ныр чемпионаты кæцыфæнды футболистæн йæ бон у уырыссаг клубимæ кусæн контракт аскуынын æмæ Уæрæсе æнæмыздæй ныууадзын. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ EPFL у Европаг спортивон организаци, кцæы профессион футболон лигæты иу кæны. Йæ штаб-хæдзар ис «Нионы «(Швейцари).
1997 азы 12 бæстæйы ( Автсри, Англис, Бельги, Дани, Германи, Греци, Итали, испани, Нидерландтæ, Португали, Франц æмæ Шотланди) профессион футоболон лигæтæ, сарызтой Евроцæдис бæрзонддæр процессион футболы лигæйы ассоциаци – EUPPFL. 2005 азы 6 июны йæ базайыл арызт уыд Европæйы профессион футболон лигæйы ассоциаци.
Афтæдæр уыцы аз EPFL-ы æмæ УЕФА- æхсæн бафыстæуыд меморандум, кæцымæ гæсгæ лигæйы ассоциацимæ, УЕФА-мæ профессион футболы стратегийы советы уыппар бынат уыд лæвæрд. Уæрæсейы футболон премьерлигæ æмæ профессионалон футболы лигæ (куыд ассоциацигонд уæнг) райтсой 2007 азы.
Уæрæсейы лигæйы ацух кæнын уый амонæг у, цæмæй тагъд ФИФА æмæ УЕФА рахæсдзысты уынаффæ æмæ ацы лигæты архайæг легионертæн аивдзысты контракттæ – уый нымæцы гуырдзиаг футболисттæн дæр.