Президенты скуыддзагæй, ныххатыры уагæвæрдмæ хаст цæуынц ивындзинæдтæ æмæ уый бирæ гуманон дæр суыдзæн
Ныххатыры уагмæ ивдтытæ цæуынц хаст æмæ уый бирæ гуманон дæр суыдзæн уыцы фыдракæнды æрдæм, кæцытæ хауынц æнæтыхми фыдракæндмæ, кæцы нæу æххæст тыхмидзинадæй кæнæ тыхмийы æртъхъирæнæй – уый фæдыл ныххатыры камисы сæрдар Звиад Коридзе абон арызт пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Звиад Коридзе куыд банысан кодта- афтæмæй, Гуырдзыстоны президент ныххатыры камисæн ратта фадат, цæмæй æмгъуыды æркæса критеритæм æнæкæскæйæ, тæрхонмæ лæвæрд уыцы уæнгты куырдиæттæ, кæцытæ наркотиктимæ баст фыдракæнды сты зылынджын, æрмæст наркотикон æмæ психотропион медикаментты реализацийы цухæй, наркотикон фæрæзты, балхæд бавæрыны æмæ æрбаласын æмæ транзиты.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ зылынгонд уæнгтæн сæ бон у президентмæ бавдисон куырдиат, сæ хъуыддаджы каст, æртæдæр тæрхонон инстанцийы куыддæриддæр фæуыдзæн афтæмæй, кæнæ та аивгъуыддзæн уæлдæр инстанцийы бахъасткæнынæн бæлвырд æмгъуыд, æмæ камис сæ хъуыддæгты лæмбынæг æркæсдзæн.