Президенты резиденцийы Гиоргий Маргвелашвилийы æмæ Каха Кахишвилийы фембæлд цæуы
Гуырдызстоны президент Гиоргий Маргвелашвили æмæ батæригъæды комисы уæнгтæ æфхæрдæхæхстгæнгæ æмæ пробацийы министр Каха Кахнишвилийыл æмбæлынц.
Фембæлдыл, кæцы президенты резиденций цæуы , батæригъæды механизтæм гæсгæ фарстаæ бакæсдзысты.
Фембæлды райдайæны онг коментартæ нæ сырæзтысты.
Батæригъæды механизмы фæхуыздæр æмæ комисы куысты ивæндзинæдты æнæмæнгдзинадыл ныхас уый фæстæ райдыта, Тбилисы Барновы уынгыл лæгмард куы æрцыд.
Снысангонды фæдыл, президент Гиоргий Маргвелашвили брифингыл расидтис, цæмæй Бакрадзейы хъуыдтагы фæдыл бинонты æрдыгæй уыд куырдиат æмæ æфхæрдæхæхстгæнæг уагдонæй позитивон аргъ. Фæлæ президент батæригъæды комисы куыст рæстæгмæ фæурæдта.
Аппарат æнæхъуаджы у, кæд æфхæрды æмгъуыд æрвысты бынатæй арвитгæ документ, рæстдзинады иуæнг инстанци у. Уæд скуыддзаг ацы документы бындурыл автоматонæй хъуамæ райстаиккой æмæ ахæстæн кæнæ ныххатыр кодтаиккой кæнæ та нæй – райхъусын кодта æфхæрдæххæсткæнынады æмæ пробацийы министр Каха Кахишвили Фыццаг Къаналы алæвæрды «Актуалон темæ Мака Цинцадзеимæ иумæ».
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн æртæ аз у, бадзырдæй æмгъуыагъоммæ ссæрибары камис ахæсттæм хъусыны практикæмæ ахызт æмæ уыцы статистикæ æрвылазонæй рæзы.
«Ивгъуыд азы нын уыд хъусыны 700 цау. Ахæст æмгъуыдагъоммæ бадзырдæй ссæрибар кæнын куы домы, уæд ралæууы камисы раз, кæцыйы сконды сты нæ кусджытæ, æнæхицауадон организациты æмæ зонадон зылдты минæвæрттæ. Уыдон ахæстимæ интервьюйы алы фарсты фæдыл ауадзынц, кæцы гæнæн ис йæ ссæрибар кæныны, кæнæ дæуды бындурæй суа. Адæймагæн йæ цæстытæм куы кæсыс, æмæ йæ митæм куы бакæссыс, уæд æмбарыс, куыд дзуры йæ фыдракæнды тыххæй, куыд тыхсы, фылдæр информацийы дын дæтты, гæххæтыл фыст сур ныхæстимæ абаргæйæ» – загъта Кахишвили.
Алæвæрды акæнæгы фарстæн, цас арæх куры ныххатыры камис æфхæрдæххæстгæнæг уагдонæй ацы кæнæ æндæр ахæсты фæдыл скуыддзаг, Каха Кахишвили райхъусын кодта, цæмæй ныххатыры камис, конкретон хъуыддæгты æрмæджытæй иу æркуры уыцы скуыддзæгтæ, кæцытæ æфхæрдимæ, æфхæрды æмгъуыд æрвысты периоды ахæсты уагахасты æмæ психологимæ интервьюйы фарстытимæ сты баст.