Президенты инаугурацийы фæстæ Гуырдзыстоны скусдзæн ног конституций
Президенты инаугурацийы фæстæ Гуырдзыстоны скусдзæн ног конституций

Гуырдзыстоны радæй  фæндзæм   президенты инаугурацийы фæстæ  бæстæйы скусдзæн ног конституций.

Конституци  кæцы у 11  сæр æмæ 78 статийæ, иуырдыгæй  адæймаджы бартæ  стандарттæ  бæлвырд кæны æмæ иннæрдгæй та  хицауадон къалиуты  æххæстбартæ  бæрæг  кæны.

Парламент  бæлвырд  конституцийы  банысангонд у цæмæй  гуырдзыстон у  социал-барадон   паддзахад, кæцы ауды   дзыллæйы  социалон рæстагдзинады, социалон æмсæрад æмæ   социалон  солидарондзинады  принципты фæфидар кæныныл.

Конституцийæ  бæлвырд у  алы  адæймагы  æмсæрад  æмæ  тобæгонд  дискриминаци расæй,  буары цъары хуызы,  æрды, равзæрды, этникон нысанæй, æвзагы, религийы,  политикон кæнæ æндæр цæтснæгас кæмæн ис,  социалон зылды, мулкъон  кæнæ титулы  уавæрты, цæрæн бынаты кæнæ æндæр нысанмæ гæсгæ.

Ног конституцийæ  афтæдæр  арæнæвæрд у  къайады  дефиници æмæ  дзы дзырдæуы, ома  къайад у  сылгоймаджы æмæ  нæлгоймаджы  бинонтæ скæныны  нысанæй цæдис.

Къайады  хуызæн, Гуырдзыстоны конституцимæ хаст æрцыд  барастытæ  хъæууон-хæдзарадон   зæххы фадгуыты тыххæй. Документмæ гæсгæйæ хъæууон-хæдзарады нысаниуæгы  зæхх, куыд секрмагонд нысаниуæгы ресурс, гæнæн ис уа æрмæст  паддзахады,  хæдуынаффæгæнæг иуагы, Гуырдзыстоны æмбæстагы  кæнæ  Гуырдзыстоны æмбæстæгты иугонды исады.

КОнституцион ивдтыты фæлгæтты  ивд æрцыд  94-æм  статий дæр кæцы  ахизгæ  уагæвæрды хуызæй сырæзт,, кæцыйы мидæг банысангонд у, цæмæй ацы   закъоны   скусын кæнынæй  12 азы  дæргъы,  акцизы  рæзт, иумæйаг-паддзахадон  фидтоны  ног хуыз æрбайсын кæнæ фæуæлдай  кæнын, гæнæн уыдзæн  æрмæстдæр референдумы фæндагæй,  органон  закъонæй  бæрæг  цаутæй  дарддæр.

Уæлдæрбанысангондæй  уæлдай,   конституцийы  бæрæг  сты  политикон фарстатæ дæр, сæ нымæцы  президенты сывзарыны æгъдау,  парламенты комплектацийы  фарста æмæ   бæстæйы  æддагполитикон  къурс.  Сæрмагондæй та,  конституцимæ гæсгæйæ  2020  азмæ,  архайдзæн мажоритарон системæ, фæлæ политикон   партитæм иухаттонæй  уыдзæн фадат   парламентон æвзæрстытыл блокъгай  баиу уой.  Ног конституцимæ гæсгæйæ   бæстæ процпорцион  системæмæ  ахиздзæн  2024  азæй.

КОнституцийы  ивд æрцыд  парламенты  бынат дæр, сæрыфыццагæй  фæткдæттæг къорд    конституцион   проекты  парламенты бынатæй  нал бавдыста  Кутаис,  фæстæдæр та  ахицæн кодта,   цæмæй  2019 азы  январæй  закъондæттæг орган   сæйраг сахармæ  æххæстæй  æрыздæха.

Парламенты  бынаты хуызæн   ивд æрцыд   президенты ссывзарыны æгъдау дæр. Ног конституцимæ гæсгæйæ   2023 азæй  Гуырдзыстоны   президенты æвзæрст  сырæздзæн  æвзæрстгæнæг  коллегийы руаджы, комкоммæ æгъдауæй нæ фæлæ, уæдмæ  Гуырдзыстоны цæрджытæ радæй  фæндзæм президенты    æхсæз азы æмгъуыдæй   (иухаттонæй)  28 октябры  сывзардзысты.

Ног конституцийæ  фæмацы  ис  æдасдзинады совет  æмæ йæ бæсты, хæстон уавæры рæстæджы,   уынаффæгæнæг  орган – националон  хъахъхъæнынады  советæй  фæбæрæг,  кæцйыйы  сæрдар  уыдзæн Гуырдзыстоны президент.

Банысан кæнинаг  у  уый æмæ Гуырдзыстоны  парламенты бæлвырд  конституцийы дзырдæуы  бæстæйы  европаг, евро-атлантикон  структурæтæм интеграцийыл æмæ  дзырдæуы, ома  конституцион оргæнтæ, сæ æххæстбарты  фæлгæтты, алы  мадзал  хъуамæ райсæт  Европæйы  цæдисы æмæ  цæгат-атлантикон  бадзырдты  организацимæ Гуырдзыстоны  æххæст интеграци срæвдз кæнынæн.

Парламент  сæйраг конституцион ивдтытæ  2017 азы  26 сентябры  сбæлвырд кодта,  кæцыйыл фæстæдæр президент  Гиорги Маргвелашвили   вето сæвæрдта æмæ уагдонмæ  мотивацигонд  фиппаинæгтæ  бавдыста.  Фæткдæттæг къорд   фиппаинæгтæ йæ зæрдыл нæ бадардта, 110  разы  хъæлæсæй  8-ы  ныхмæ  ветойы  сæрты ахызт  æмæ  фæстагмæ, конституцион проект  117  разы  хъæлæсæй   7-ы  ныхмæ  сбæлвырд кодта.