Президенты галуаны Конституцийы бон нысан кæнынц
Конституцийы райсты боны фæдыл Гуырдзыстоны президенты галуаны абон райст сырæздзæн.
Мадзалмæ хуынд сты хицауады нырыгкон æмæ раздæрон уæнгтæ. Афт æдæр æндæр æмæ æндæр конституцион органты бæрнонтæ.
æрымбырдгонд æхсæнадмæ ныхасæй басиддзысты Гуырдзыстоны президент, премьер-министр, парламенты сæрдар æмæ конституционалист Автандил Деметрашвили.
Президенты галуаны уыдзæн райтыгъд Гуырдзыстоны националон архивы хъахъæд документты. Райтыгъдыл æвдыст уыдзысты 1921 æмæ 1995 азты Конституцитæ, афтæ дæр темæйы фæдылисторион документтæ.
Конституцийы бонæй Гуырдзыстоны 24-æм август у нысангонд. 1995 азы 24-æм августы парламенты уыцы рæстæджы уæнгтæ бæстæйы уæллаг закон райста. Конституци йæ тыхмæ 1995 азы ногæй æвзæрст парламенты куыстæй бацыд.