Президенты администрацийы тæрхон кæнынц «Уацхæссæджы фæдыл» закъоны ивындзинæдтыл
Гуырдзыстоны президенты администрацийы «Уацхæссæджы фæдыл» закъоны ивындзинæдтæм гæсгæ фембæлд цæуы. Гиорги Маргвелашвили медийы æмæ æнæхицауадон секторы минæвæрттимæ.
Фембæлды райдианы размæ журналистон этикæйы хартийы къухдариуæггæнæг Ната Дзвелиашвили куыд банысан кодта, афтæмæй, иттæг хорз у президент æнæхицауадон организациты позицитæй кæй баинтерес ис уый.
«Райгонд стæм, цæмæй президент баинтерес ис нæ хъуыдытæй. Цæттæ стæм фæхай йын кæнæм нæхи æмæ байхъусæм йæ позитæм. Тынг дзæбæхз у фæткъдар партийы дæр кæй ис ахæм депуттаттæ, кæцытæ хъуыды кæнынц, цæмæй зиангæнæг уыдзæн ацы законы райст. Фиппаинæгтæ та ахæм сты, фыццаг уый æмæ махæн нæрайсгæ у Æхсæнадон Телеуынынад афтæ хицæн кæна æрылхæдты иууон системæйæ, цæмæй йæ бæрнондзинад каддæр кæна, рухсдзыддзинады стандарт дæлæмæ кæна, уымæн æмæ ацы нормæйæ, никуы у бавдыст, куыд хъуамæ æххæстæуа контроль уыцы алæвæрдты æрылхæдыл, кæцыты саразын хъавы Æхсæнадон Телеуынынад иууон æрылхæды системæйæ æддæйæ. Цыдæриддæр та рекламæйæ æфтиагмæ æххæссы, ам сæйраг аргумент у уый, цæмæй Европæйы бирæ бæстæты æцæгæй дæр ис бар рекламæйæ æфтиаг райсын Æхсæнадон Телеуынынадæн, фæлæ ахæм бæстæты йæ бюджетæй финансдзинады бæрц, рекламон базары иууон бæрцы æрдæгæй фылдæр нæу. Уацхæссæгæн конкурентхъомады райрæзын кæнын йæ бон у рекламон æфтиæгтæй æмæ коммерцион проектытæй нæ фæлæ, уыцы проектытæй, кæцытæ сты йæ приоритет, кæцытæ законæй сты зæрдылард. Телеуынынад бюджетæй уый тыххæй исы аййас финансдзинад, цæмæй сырæзой ахæм продукттæ, кæцы интересон нæу коммерцион каналтæн. Кæд мах фæнды коммерцион телеуынынад, уæд бюджетæй хъуамæ фæкаддæр кæнæм финансдзинад. Фыццаг Каналы рейтинг мæ хъæуы информацийы хардзыл, дзыллæйæн нысаниуæгджын алæвæрдты хардзыл æмæ нæ ивхæрсæн контенты хардзыл, кæцы едзаг уыдзæн коммерцион æфтиæгтæй. Коммерцион спонсорад тæссаг у» – райхъусын кодта Дзвелиашвили.
Афтæдæр абон законопроектыл ныхас кæнынмæ, Гуырдзыстоны президент фембæлдзæн Æхсæнадон Телеуыныыдаы æххæстгæнæг советы уæнгтимæ.