Гуырдзыстоны президенттæм æвзæрстытæ цæуынц. БÆстæйы цæрджытæ радæй фæндзæм президенты æхсæзы азы æмгъуыдæй сывзардзысты.
Æвзæрстытæ цæуынц 73 æвзарæнон зылды. Централон æвзарæнон камисы информацийæ, æнæхъæн бæстæйы масштабæй 3 637 æмæ уæлвæтк цауæй арызт 11 æвзарæнон фадыг байгом ис. Фæсарæнты кусæг фадгуыты нымæц та æмтгæйонæй у 57. Æвзæрстгæнджыты иууон номхыгъды фиксиргонд сты 3 504 082 æвзæрстгæнæг, фæсарæнты решгистрацигонд сты 14 795 æвзæрстгæнæг, æдæппæт – 3 518 877 æвзæсртгæнæг.
Президенттæм æвзæрстыты 25 кандидат исынц хайад – 19 политикон субъекты, æхсæз инициативон къордты кандидаттæ сты. Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй дыууæ кандидат, Акакий Асатиани æмæ Вахтанг Габуниа сæрмагонд кандидатурæтæ систой, сæ уынаффæ,Æвзарæнон кодексæй бæрæг æмгъуыдты зæрдыл даргæйæ, уыцы афонмæ абйрæджыгонд уыд æмæ æвзарæнон бюллетенты 25 кандидаты нæмттæ сты фыст.