Президентон кандидаттæ æппæтдунеон цæстдарджытыл æмбæлынц
Президентон кандидаттæ абон уыцы æппæтдунеон организациты бæрнонтыл æмбæлынц, кæцытæ 28-æм октябры хъæлæс лæвæрды процедурайæн мониторинг сыххæст кæндзысты.
Æппæтдунеон делегацитимæ кандидатты индивидуалон фембæлдтæ æхгæд форматы цæуынц.
ОБСЕ, НАТО, Европарламент, Евросовет æмæ ПАСЕ –йы бæрнонтыл фыццаг «Гуырдзийаг бæллицы» æрдыгæй фарсылхæцынгонд кандидат Саломе Зурабишвили фембæлд. Ныхас президентон кампани æмæ æвзарæнон системамæ баххæсыд. Делегацийы уæнгæтн фадат уыд фарстатæ раттаиккой.
Абон делегациты бæрнонтимæ фембæлд плангонд у афтæ дæр Давид Бакрадзе, Григол Вашадзе æмæ Давид Усупашвилиимæ.