Президент парламентмæ Национ Банкы советы уæнгты кандидаттæй Нана Хъеинишвилийы æмæ Теймураз Хомерикы бавдыста
Президент парламентмæ Национ Банкы советы уæнгты кандидаттæй Нана Хъеинишвилийы æмæ Теймураз Хомерикы бавдыста

Гуырдзыстоны  президент парламентмæ, Националон банкы  советы уæнгты дыууæ  вакантон бынатмæ сывзарынæн,  кандидатурæтæ бавдыста.

Президенты  пресскуысты  информацийæ, президент,  Нана Хъеинишвилийы æмæ Теймураз  Хомерикы   кандидатурæтæ бавдыста.

Уæдмæ, цæугæ азы июны Саломэ Зурабишвили   парламентæн Националон Банкы    советы  уæнгты дыууæ вакантон  бынатмæ сывзарынæн Гиорги Брегадзейы æмæ Димитри  Джапаридзейы   кандидатурæтæ бавдыста, фæлæ  парламент  сæн кандидатурæтимæ не сразы ис. Парламентон  фылдæрты  уæнгтæ  йеуæд райхъусын кодтой, цæмæй сæм  кандидатты компетенцийы фæдыл фарстытæ  нæ уыд, фæлæ президенты æмæ парламенты æхсæн консультацитæ  нæ уыдис æмæ кандидаттыл  рагафон не æрдзырдтой.

Националон Банкы советы Гуырдзыстоны Национ Банкы бæрзонддæр  оргæн у.  Совет фараст уæнгæй у.  Национ Банкы  советы сæрдар у Национ Банкы  президент. Национ Банкы  советы сконды, советы сæрдарæй  дарддæр,  сты  Национ банкы  фыццаг вице-президент, дыууæ  вице-президент æмæ советы æндæр уæнгтæ. Национ Банкы  советы  уæнгты  Гуырдзыстоны президенты бавдыстæй  сывзары Гуырдзыстоны парламент авд  ацы æмгъуыдæй, æххæст сконды  фылдæры хъæлæстæй.  Ацытæккæ  советы ис  авд уæнг, дыууæ бынаты та вакантон сты.