Президент парламентæн премьер-министры кандидаты фæдыл акт абон рахæлиу кæндзæн
Президент парламентæн премьер-министры кандидаты фæдыл акт абон рахæлиу кæндзæн

Президент парламентæн премьер-министры кандидаты фæдыл акт абон рахæлиу кæндзæн

Снысангонды фæдыл журналисттæн президенты парламентон нымæрдар, Ана нацвлишвили расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, парламентон фылдæры хай президентæн премьер-министры кандидат бавдыста. Гуырдзыстоны конституцимæ гæсгæ та, президент кандидатурæ парламентæн бавдисдзæн.

Парламентон фылдæры хай президентæн премьер-министры кандидатурæ абон бавдисдзæн, кæцыйы йæхи æрдыгæй, президент парламентæн авд боны æмгъуыды хъуамæ бавдиса.

Уый фæстæ, куыд премьер-министры кандидат авд боны æмгъуыды министрты кабинет равзардзæн, хицауадæн æууæнкдзинады райстæн парламентмæ бавдисдзæн. Конституцийæ, хицауадимæ иумæ æвдыст хъуамæ уа хицауадон программæ.

Сбæлвырдмæ та цы хауы, премьер-министр æмæ министрты кандидаттæ хицауадон программæ парламентон комитетты æмæ фракциты бавдисдзысты, цæй фæстæ дæр уыдон æууæнкдзинады райстæн пленарон рабадтыл ралæудзысты.

Пленарон рабадтыл хицауадон программæ премьер-министрты кандидаты бавдисдзæн, политикон дебатты бастдзинады бар министрты кандидаттæн дæр ис . Хицауадæн парлампнты æууæнкдзинады райстæн 76 депутаты фарсылхæцындзинад у æнæмæнг.