Президент Гуырдзыстоны парламенты æмæ Ачъарайы автономион республикæйы бæрзонддæр советы æвзæрстытæ снысан кодта 31-æм октябрмæ
Æвзæрстытæ снысан кæныны фæдыл абоны бардзырдæй, президент Саломэ Зурабишвили æвзæрстыты бонæй, 31 октябр снысан кодта æмæ æхсæнадмæ æрсидтис:
«Абон мæ къух бафыстон æвзæрстытæ датæйы фæдыл актыл. Парламентон æвзæрстытæ нæ бæстæй ацæудзысты 31 октябры, нæ конституцийы куыд у фыст, афтæ. Фæнды мæ æхсæнадмæ бадзурын æмæ зæгъын, цæмæй ацы период, ацы дыууæ мæйы, кæцы нын ис æвзæрстыты онг, арвитæм куыд гæнæн ис, афтæ сабырæй. Абоны уавæрты, «Ковид-19-« пандеми куы рацыдыстæм æмæ ахæм вазыгджын афæдз, æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй тынг сабырæй бацæттæ кæнæм нæхи æвзæрстытæм.
Ацы æвзæрстытæн сæрмагонд нысаниуæг ис! Мах афтæмæй ноджы иу хатт сбæлвырд кæндзыстæм нæ бæстæ демокративон кæй у, уый. Афтæ куыд цалдæр мæйы размæ, абон дæр нæ æхсæнад равдыста дунейæн, цæмæй йæ бон у ахæм пандеми контрол кæнын æмæ йæ бæрзонд æхсæнадон æмбаргæдзинадæй радиса, цæмæй мах стæм бæрнон æмбæстæгтæ; раст афтæ хъуамæ ауадзæм æвзæрстытæ.
Зонын æмæ мæ уырны, цæмæй нæ бон у æвзæрстытæ афтæ демокративонæй, сабырадонæй æмæ рухсдзыдæй ауадзæм.
30 азы размæ, 1990 азы 28 отктябры, Гуырдзыстон ауагъдта демокративон æвзæрстытæ. Мах ацы традици хъуамæ адарддæр кæнæм, фæтыхджындæр кæнæм æмæ дунейы раз ралæууæм куыд иттæг демокративон бæстæ. Мах уый хъом стæм!» – райхъусын кодта президент.