Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, Цыппурсы бæрæгбонмæ гæсгæ фондз ахæстæн ныххатыр кодта.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны президент абоны брифингыл райхъусын кодта.
Саломэ Зурабишвили не сконкрет кодта, уый цæмæй кæмæн ныххатыр кодта, уыцы фондз ахæст иууылдæр рацæудзысты ахæстонæй æви сæ иу хаййæн æфхæрды æмгъуыд фæкаддæр уыдзæн.
Афтæма, ныххатргонд ахæстты нымæцы нæй деканоз Гиорги Мамаладзе.
Ивгъуыд азы 18 сентябры уагъд мораторийы фæстæ, президент ныххатыры акт фыццаг хатт рауагъдта.
Ахæсттæн ныххатыр ног ног æгъдауæй ацыд, кæцы 2019 азы 27 ноябры бацыд йæ тыхмæ.