Премьеры уынаффæйæ, администрацион органты кусджытæн улæфты бонтæ фыццæгæмæй  5-æм январмæ аххæсдзысты
Премьеры уынаффæйæ, администрацион органты кусджытæн улæфты бонтæ фыццæгæмæй 5-æм январмæ аххæсдзысты

Гуырдзыстоны  премьер-министры  уынаффæйæ, администрацион оргæнты кусджытæн, 2024 азы 3 январæй  5 январхынцгæйæ улæфты бонтæ уыдзысты , – уый фæдыл  Гуырдзыстоны хицауады абоны рабадты  фæстæ ссис бæрæг.

Хицауады пресскуысты информацийæ,  æмбæлгæ  барамынд Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  ныридæгæн бафыста.

Уыимæ,  барамындмæ гæсгæйæ, администрацион  оргæн бæрæг кæны йæ дæлбар уæвæг/йæ системæмæ бацæуæг  куыстытæ/кусджыты, кæцытæм нæ бахæсдзæн  ацы  барамынд кæд сæ функциты сæххæст паддзахадон   хицаудзинад сыххæсты æмæ æхсæнады нормалон функциййæн  у æнæмæнгхъæугæ.

«Уынаффæ не ххæссы Гуырдзыстоны Национ Банкы цæстдарынады дæлбар  уæнгтæн сыххæсткæнинаг  финансон хæсистыл, афтæма  «паддзахадон балхæдты фæдыл» Гуырдзыстоны закъонæй  бæрæг  паддзахадон  балхæдтимæ баст куыстмæ», –  æмбарын кæнынц хицауады  пресс-куысты.