Премьеры рацыд парламенты хаццæгимæ, алы аз сырæздзæн, министртæ та уагдонмæ «министрты сахаты» форматы рахиздзысты
Премьеры рацыд парламенты хаццæгимæ, алы аз сырæздзæн, министртæ та уагдонмæ «министрты сахаты» форматы рахиздзысты
Гуырдзыстоны парламенты регламентмæ фундаменталон ивæндзинæдты реализаци план кæны, кæцымæ гæсгæ иу æрдыгæй законгæнæг куыыстæн принциптæ фæхуыздæр уыдзысты, иннæ æрдыгæй та фæтыхджын уыдзæн цæстдарæг ыункци.
Фыццаг къаналы информацимæ гæсгæ, парламентон фылдæры хайы фæлгæтты регламенты проект цæттæ у, кæцыйы деталтæ конкрет кæнынц.
Ивæндзинæдты иуæй иу сæйраг ногдзинад премьер-министры парламенты хаццæгы бавдыст уыдзæн, кæцы парламенты бæлвырдгонд ивгъуыд азы ног конституциийæ рацæугæ у.
Сæрмагондæй, проектмæ гæсгæ, премьер-министр хæсджын уыдзæн, ивгъуыд азы куысты хаццæг фæззыгон сессийы фыццаг къуыри пленарон рабадтыл бавдиса. Уый фæстæ премьер-министр сæрмагонд рацыд фæуыдзæн уæд политикон дебаттæ сырæздзæн.
Парламенты министрты хицауадон сахаты форматы байхъусын архайæг регламент дæр дары йæ зæрдыл, фæлæ уый æнæмæнг нæу.
Ивæндзинæдтæм гæсгæ афтæ дæр фракциты рабадтыл министрты æрхуынд нал æрцæудзæн, фæлæ депутатты æркуырды цауы, министрты комитеттæм æрбацыд сыхæхст уыдзæн.