Премьер-министры хицауады сногонд рæнхъ æмæ струкутрæ æртæ къуырийы фæстæ бавдисдзæн

09:35, 21.06.2018

Премьер-министры хицауады сногонд рæнхъ æмæ струкутрæ æртæ къуырийы фæстæ бавдисдзæн

Гуырдызстоны хицауады струкутрон ивæндзинæдтыл консультацитæ абонæй райдайдзысты.

Уый фæдыл юстицийы министр Тея Цъулукъиани раисдтис. Премьеминистр Мамука Бахтадзе та хицауады сногонд рæнхъ æмæ струкутрæ æртæ къуырийы мидæг бавдисдзæн.

Бахтадзе банысан кодта, цæмæй струкутрон реформæты фæлгæтты министрадты нымæц 14-11 онг фæкъаддæр уыдзæн. Премьер-министр министрадтæ не сконкрет кодта, фæлæ банысан кодта, цæмæй струкутрон ивæндзинæдтæ æхсæз министрадыл ахæлиу уыдзысты.

Гуырдзыстоны  парламент,  хицауады  скондæн   æмæ  хицауадон программæйæн «Сæрибардзинады, цырд тынгад, æнæфыдбылыз»  расидтис æууæнк.

Хицауадæн æууæнк расидынæн схъæлæс кодтой 99  депутат,  æхсæз та  йæ  ныхмæ рацыд.

Гуырдзыстоны премьер-министрæй  ссис Мамука Бахтадзе.

Хуыздæр