Премьер-министр, парламенты сæрдар æмæ  хъахъхъæнынады министр фæмардуæвæг пилоты бинонтæн тæфæрфæс ракодтой
Премьер-министр, парламенты сæрдар æмæ хъахъхъæнынады министр фæмардуæвæг пилоты бинонтæн тæфæрфæс ракодтой

Гуырдзыстоны преьмер-министр  Ираклий Къобахидзе,  планон æфсæддон   ахуырты рæстæджы,  хæдтæхæджы æрхауды  фæстиуæгæн   фæмардуæвæг пилоты  бинонтæн тæфæрфæс ракодта.

Премьеримæ иумæ  Гуры   уыдысты   парламенты  сæрдар Шалва Папуашвили  æмæ хъахъхъæнынады министр Ираклий Чиковани.

Хъахъхъæнынады министрады информацийæ, æрцæугæ  факты расайæг   аххосæгтæ рабæрæг кæныны нысанæн, хъахъхъæнынады министрады æфсæддон пъæлицæйы  департамент райдыдта  фæдагурæн, процессон архæйдтытæ.