Премьер-министр нæ цух  кæны, æвæрццаг тенденциты цауы  экономикæ плангондæй  раздæр байгом уа
Премьер-министр нæ цух кæны, æвæрццаг тенденциты цауы экономикæ плангондæй раздæр байгом уа

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы  фидиуæнæй,   хицауады  абоны рабадтыл  фæуынаффæ кæндзысты, цæмæй  куыд ис гæнæн  амал уæвгæйæ  тагъд, фæлæ æдасæй  æмæ  зондджынæй этапгай райдайын  экономикæйы  байгом.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ абон   уæвæг  тенденцитæ  дæттынц  хъавгæ оптимизмы  фадат.

«Авд боны  дæргъы æвæрццаг бæрæггæнæнтæ нын  4  проценты бæрц  куы уыдзысты, уæд бирæ æдæрсгæйæ дæр, хъавгæйæ  фæлæ  зæндджынæй бауыдзæн нæ бон экономикæ байгом кæнын. Æмæ бæрæг куыд у, афтæмæй, абоны тенденцитæ нын дæттынц  хъавгæ  оптимизмы фадат.  Уый тыххæй  абоны хъуамæ райдайæм уынаффæ  уый фæдыл, цæмæй  кæд  ахæм  тенденци   лæудзæн  æввахс иу къуырийы дæргъы,  сæрды куыд сарызтам афтæ, этапгай  байгом  цъус раджыдæр  райдайæм.  Уый æххæссы фыццаджы дæр Тбилисмæ, Кутаисмæ æмæ  Руставмæ.  Фыццаджыдæр ахуыргæнæндæттæ, цæмæй  сывæллæттæн раттæм фадат, кластты   райдайæт ахуыр», –  райхъусын кодта Гиорги Гахариа.